ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Ӕнахъомты фӕдыл инспекци ӕмӕ Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады патрулон-постон службӕйы кусджытӕ ауагътой профилактикон рейд, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной скъолайы дисциплинӕ халӕг ахуыргӕнинӕгты.
"Ахуырадон процессы рӕстӕджы инспектортӕ басгӕрстой бынӕттӕ, цы ран арӕхдӕр ӕмбырд кӕнынц ӕнахъомтӕ — Пионерты парк, кафе ӕмӕ хъазӕн залтӕ. Рейды рӕстӕджы милицийы кусджытӕ не сбӕрӕг кодтой ӕнахъомты, кӕцытӕ халынц ӕхсӕнадон фӕтк", — дзырдӕуы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы хъусинаджы.
Ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы хистӕр Гатайты Лали банысан кодта, зӕгъгӕ, мадзӕлтты нысаниуӕг уыд ӕнахъомты ӕхсӕн фыдракӕндты рагфӕдзӕхст.
Уагдоны бафтыдтой, ахуыргӕнӕндӕтты ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕныны фӕдыл мадзӕлтты фӕлгӕтты алкӕцы скъолайыл фӕдыл дӕр кӕй сфидар кодтой ӕнахъомты фӕдыл инспекторы. Афтӕ ма инспекцийы кусджытӕ уадзынц профилактикон ныхас ахуыргӕнинӕгтимӕ.