Хуссар Иры скъоладзаутӕн радзырдтой наркотиктӕ ӕмӕ нозты зианы тыххӕй

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры скъоладзаутӕн радзырдтой наркотиктӕ ӕмӕ нозты зианы тыххӕй
Хуссар Иры скъоладзаутӕн радзырдтой наркотиктӕ ӕмӕ нозты зианы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органты ӕмӕ ахуырады министрады кусджытӕ ӕрдзырдтой хистӕркъласонтимӕ

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ахуырады министрады минӕвӕрттимӕ иумӕ уадзынц профилактикон ныхас хистӕркъласонтимӕ наркотиктӕ, нозт ӕмӕ тамако дымыны зианы тыххӕй, афтӕ ма ӕнахъомты ӕхсӕн фӕткхалдты тыххӕй.

Куыд хъӕуы хи бахизын аварийӕ: Хуссар Иры бафӕдзӕхстой ӕвзонг велосипедистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд хъӕуы хи бахизын аварийӕ: Хуссар Иры бафӕдзӕхстой ӕвзонг велосипедистты

МХМ пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, скъоладзаутӕн ӕмбарын кӕнынц, наркотиктӕ, нозт ӕмӕ тамакойы фӕстиуджытӕ кӕй сты ӕрмӕст хӕлд ӕнӕнздзинад нӕ, фӕлӕ ма административон, кӕнӕ уголовон бӕрн.

"Профилактикон баныхасы руаджы нӕ фӕсивӕд рӕздзӕн ӕнӕнизӕй. Сывӕллӕтӕ-иу цымыдисонӕй хъусынц, дӕттынц фарстытӕ. Мӕнмӕ афтӕ кӕсы, сывӕллон куы байхъуса цалдӕр лекцимӕ, уӕд йӕхи ӕвзӕр никуыуал дардзӕн", — банысан кодта фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы директор Бестауты Аза.

Афтӕ ма МХМ ӕмӕ ахуырады министрады специалисттӕ бахатыдысты ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй ма цӕуой зианхӕссӕг ахуыры фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0