Бибылты Анатолий Хуссар Иры армхӕцджытӕн: бӕдӕйнӕгтӕ

Президент саргъ кодта ирон спортсменты архайдӕн ӕхсӕнадӕмон ерысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Фыццаг бынӕттӕ куы бацахсут, уӕд свӕййут рӕзгӕ фӕлтӕрӕн цӕвиттон, загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий республикӕйы армспорты секцийы хъомылгӕнинӕгтимӕ фембӕлды рӕстӕджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Ӕхсæзæм сыгъзæрин: армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейон ерыстæ Анталияйы

Президент фембӕлд Европӕйы ӕмӕ дунейы бирӕ хатты чемпион Гасситы Сослан, ӕхсӕнадӕмон ерысты призер Дыгъуызты Милена, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Плиты Батрадзимӕ цыппӕрӕмы изӕры.

Бибылты Анатолий саргъ кодта ирон спортсменты архайдӕн ӕхсӕнадӕмон ерысты, сӕйраджыдӕр, се 'нтыстытӕн дунейы чемпионаты Туркы, ӕмӕ сын бузныг загъта сӕ уӕлахизты тыххӕй.

"Сымах стут рӕзгӕ фӕлтӕрӕн цӕвиттон. Мӕ цӕст уын уарзы дарддӕры ӕнтыстытӕ. Дарддӕр дӕр афтӕ архайут", — загъта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта тренер Джиоты Валерийы стыр хайбавӕрд республикӕйы армспорты райрӕзтмӕ.

Фембӕлды кӕрон президент радта зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕвзист згъӕрӕхцатӕ Хуссар Ирыстоны аргъуанты сурӕттимӕ.