Хуссар Иры агурынц трактор адавджыты

Цау ӕрцыд 9 декабры ӕхсӕвы Цхинвалы районы Монастъеры хъӕуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) фехъусын кодта дизелон мотоблок адавыны тыххӕй республикӕйы Цхинвалы районы Монастъеры хъӕуы иу хӕдзарӕй.

Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг адавтой Цхинвалы цӕрӕджы ӕхцатӕ

Цау ӕрцыд 9 декабры ӕхсӕвы.

"Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад ӕмӕ криминалон милицийы кусджытӕ уадзынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной ӕмӕ ӕрцахсой гоймӕгты, кӕцытӕ адавтой дизелон мотоблок Цхинвалы районы Монастъеры хъӕуы цӕрӕджы хӕдзарӕй", — дзырдӕуы МХМ пресс-службӕйы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, басгӕрст кӕй уадзы Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад.