Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта 2019 азмӕ паддзахадон бюджет

Бюджеты ӕфтиӕгты 80 процентӕй фылдӕр у Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады уӕнгтӕ ӕркастысты ӕмӕ хорзыл банымадтой 2019 азмӕ паддзахадон бюджеты законы проект, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры хицауад райста инвестицион закон

Сӕйраг финансон документмӕ гӕсгӕ, бюджеты ӕфтиаг хай фидӕн аз уыдзӕн 8,7 миллиард сомы.

"Уыцы суммӕйӕ 82,5 проценты сты Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс, афтӕ ма 2,7 миллиард сомы, кӕцытӕ рахицӕн кодтой 2019 азы инвестицион программӕйы реализацийӕн", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Бюджеты хъалонон ӕмӕ ӕнӕхъалонон ӕфтиӕгтӕ уыдзысты 1,2 миллиард сомы, иумӕйаг ӕфтиагӕй 13, 8 проценты.