Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы МХМ информацион-координацион центр бакодтой Цхинвалы

Церемонийы хайад райстой республикæйы разамынад æмæ ИКЦ-йы кусджытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 дек- Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрæдты (МХМ) иумæйаг информацион-координацион центр (ИКЦ) æрбакодтой цытджын уавæры Цхинвалы, Мæскуыйаг микрорайоны.

Бибылты Анатолий ИКЦ арӕзтады тыххӕй: хъӕуы аиуварс кӕнын фиппаинӕгтӕ

Церемонийы хайад истой республикæйы разамынад, МХМ æмæ ИКЦ-йы кусыджытæ. Ног уагдоны æрбаконды фæдыл кусджытæн æмæ æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта паддзахады разамонæг Бибылты Анатолий.

"Ацы структурæ феххуыс уыдзæн хуымæтæг æмæ организацигонд фыдракæндтимæ тохы хъуыддаджы. Стæй ма транснационалон фыдракæндтимæ тохæн дæр уыдзæн фадат ам. Кæй зæгъын йæ хъæуы, уæ сæйраг куыст у мидæггагон сабырдзинад æмæ фæтк Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы", — загъта президент.

Сырх лентæ алыг кæныны фæстæ хицауады уæнгтæ æмæ уазджытæ азылдысты хатæнтыл. Фыд Серги саргъуыдта бæстыхайыл.

Открытие ИКЦ

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы информацион-координацион центры хæстæ уыдзысты фыдгæнджыты агуырд, афтæ мæ оперативон иноформаци кæрдзимæ дæттын.