Бибылты Анатолий ИКЦ арӕзтады тыххӕй: хъӕуы аиуварс кӕнын фиппаинӕгтӕ

© МВД РЮОХуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты органты иумӕйаг информацион-координацион центр
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты органты иумӕйаг информацион-координацион центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент бабӕрӕг кодта центры арӕзтад ӕмӕ снысан кодта объект эксплуатацимӕ радтыны ӕмгъуыд

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта РХИ ӕмӕ УФ мидхъуыддӕгты органты иумӕйаг информацион-координацион центры (ИКЦ) арӕзтад, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар

Президентӕн фехъусын кодтой, объект цӕттӕ кӕй у эксплуатацимӕ раттынӕн, хъӕуы ма дзы бахӕссын сӕрмагонд ифтонггарз. Центры басгӕрсты рӕстӕджы Бибылты Анатолий банысан кодта, зӕгъгӕ, хъӕуы аиуварс кӕнын чысыл фиппаинӕгтӕ.

"Объект эксплуатацимӕ раттыны датӕ хъуамӕ 15 декабрӕй раздӕр ма уа. Нырма хъӕуы фӕуын куыстытӕ иууылдӕр ӕмӕ аиуварс кӕнын фиппаинӕгтӕ", — банысан кодта президент.

Аразджытӕ дзырд радтой паддзахады сӕргълӕууӕгӕн, кӕй сараздзысты алцыдӕр ӕввахс рӕстӕджы.

Амӕйразмӕ информацион-координацион центр бабӕрӕг кодтой Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады хисӕрмагонд ӕдасдзинады Сӕйраг хайады минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ банысан кодтой, цӕттӕ кӕй сты баххуыс кӕнын сӕ коллегӕтӕн Хуссар Ирыстонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0