УФ сапертӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц Хуссар Иры территори минӕтӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ

Уӕрӕсейаг ирвӕзынгӕнджыты бацӕттӕ кӕндзысты радон балцмӕ республикӕмӕ фидӕн азы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) специалисттӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Хуссар Ирыстоны территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ 2019 азы, хъусын кӕны РИА Новости уагдоны пресс-службӕйы ныхӕстӕ.

Уӕрӕсейаг сапертӕ ссыгъдӕг кӕндзысты минӕтӕй Хуссар Иры иууыл тӕссагдӕр бынӕттӕ

"Уӕрӕсейы УУМ специалисттӕ райрыдтой цӕттӕ кӕнын сӕхи радон балцмӕ Хуссар Ирыстоны территори ссыгъдӕг кӕнынмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй 2019 азы", — загъта агентады ратӕдзӕн.

Центр "Лидер"-ы сапертӕ ныридӕгӕн ӕртӕ хатты уыдысты Хуссар Ирыстоны. Уыдон куыстой тӕссаг хӕйттыл ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй республикӕйы территорийы 100 гектары онг, ссардтой 700 рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй фылдӕр.