Уӕрӕсейаг сапертӕ ссыгъдӕг кӕндзысты минӕтӕй Хуссар Иры иууыл тӕссагдӕр бынӕттӕ

© Sputnik / Руслан ТадтаевУӕрӕсейаг сапертӕ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг сапертӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Центр "Лидер"-ы сапертӕ цыппӕрӕм хатт ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстонмӕ, уыдон нывӕндынц ссыгъдӕг кӕнын рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй 60 гектарӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) центр "Лидер"-ы специалисттӕ адарддӕр кӕндзысты Хуссар Ирыстоны территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй сыгъдӕг кӕныны куыст, саперты балц республикӕмӕ нывӕндынц 2019 азы, загъта журналисттӕн республикӕйы УУМ сӕргълӕууӕг Тадтаты Алан.

Уӕрӕсейаг специалисттӕн уый уыдзӕн цыппӕрӕм кусӕгон балц Хуссар Ирыстонмӕ.

"Фидӕн аз центр "Лидер"-ы специалисттӕ ногӕй ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстонмӕ, ныридӕгӕн сбӕрӕг кодтам территори, цы ран уыдон кусдзысты. Уый у Зары фӕндаджы галиу фарс — иууыл тӕссагдӕр территори, цы ран бирӕ хатт спырх сты бомбӕтӕ, ӕмӕ Ногкуырттаты хъӕууон администрацийы территорийыл", — радзырдта Тадтаты Алан.

Уӕрӕсейаг сапертӕ басгардзысты 60 гектарӕй фылдӕр.

Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг 2018 азы зынгсирвӕзтты тыххӕй: амӕттӕгтӕ нӕй

Министр банысан кодта зындзинӕдтӕ, кӕцытыл гӕнӕн ис сӕмбӕлой специалисттӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы территоритӕ ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзтӕй фӕстӕмӕ сты тӕссаг.

"Ирон ӕмӕ гуырдзиаг фарс дӕр уым ӕвӕрдтой минӕтӕ ӕмӕ сын нӕ сарӕзтой картӕтӕ ӕмӕ схемӕтӕ. Афтӕ ма уый у хъӕд — техникӕ дзы иттӕг хорз нӕ кусы ӕмӕ хъӕудзӕн бирӕ аразын къухӕй. Уый фӕдыл нӕхи сапертӕн ӕмӕ уӕрӕсейаг специалисттӕн уыдзӕн зындӕр кусын", — бахахх кодта Тадтаты Алан.

Центр "Лидер"-ы сапертӕ ӕртӕ хатт уыдысты Хуссар Ирыстоны. Уыдон куыстой тӕссаг хӕйттыл ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй республикӕйы территорийы 100 гектарӕй фылдӕр, ссардтой 700 рӕмудзӕн ӕрмӕгӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0