Удæгасы бæсты аразгæ: ацы аз Цхинвалы базармæ æрласдзысты цъусдæр наз бæлæстæ

Ивгъуыд аз базармæ æрластой 800 наз бæласы, ацы аз сæ нымæц фæкъаддæр ис - адæм цадæггай хизынц аразгæ бæлæстæм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ног азмæ Цхинвалы наз бæлæсты базармæ æрласдзысты 500 сæйраг фæлындæны — наз бæласы. Столицæйы цæрджытæн фадат уыдзæн равзарын наз æмæ соцъийы хсæн, фехъусын кодта Хъæды хæдзарады хистæр Чилæхсаты Таймураз.

Ивгъуыд аз базармæ æрластой 300 бын фылдæр.

"Бæлæстæ ракалдтой Дзауы районы Тадихъусы хохрæбын, Хъемултайы хъæумæ хæстæг. Ивгъуыд аз æрластам 800 быны, фæлæ уый бæрц бæлас калын раст нæу. Стæй адæм фылдæр балхæнынц аразгæ бæлæстæ, уыдон сты тынг рæсугъд æмæ лæууынц цалдæргай æзты дæргъы. Уымæ гæсгæ, ацы аз базармæ æрласдзысты æрмæстдæр 500 назы", — загъта Чилæхсаты Таймураз.

Зӕронд Ног аз Ирыстоны: бӕрӕгбоны традицитӕ

Уый ма банысан кодта, 100 бæласы та кæй æрластой сабидæттæ, скъолатæ æмæ уагæдттæн сæ ногазон бæрæгбонмæ.

Бæлас æнæзакъонон æгъдауæй ракæнджытæ та, хъæды хæдзарады хъусинагмæ гæсгæ, цæудзысты ивар.

Ногазон наз бæлæсты базар æрбакæндзысты 21 декабры, сæндуцæн заводы территорийыл.