Хуссар Иры делегаци хайад райста зонадон конференцийы Мӕскуыйы

Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар ралӕууыд мадзалы докладимӕ дыууӕ бӕстӕйы закондӕттынады гармонизацийы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райста ӕппӕтуӕрӕсейон тымбыл фынджы, кӕцы ацыд Уӕрӕсейы Федерацийы Уӕлдӕр тӕрхондоны Мӕскуыйы, хъусын кӕны РХИ минӕварады пресс-службӕ. Зонадон конференцийы темӕ уыд Уӕрӕсейы Федерацийы конституцийыл "25 азы сӕххӕст ӕмӕ конституцион закондӕттынады райрӕзты сӕйраг здӕхттӕ".

Хуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕ фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты сӕ квалификаци Мӕскуыйы

Тымбыл фынгыл ӕрдзырдтой закондӕттынады фарстытыл.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ республикӕйы уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар Коцты Олеся, кӕцы ралӕууыд докладимӕ "Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны закондӕттынады гармонизацийы фарстытӕ".

Афтӕ ма зонадон-практикон мадзалы хайад райстой Паддзахадон думӕйы депутаттӕ, УФ юстицийы министрад, Уӕлдӕр тӕрхондон, генералон прокуратурӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы субъектты закондӕттӕн органты минӕвӕрттӕ.