Бибылты Анатолий ПӔК-ы кусджытӕн: Гуырдзыстон дарддӕр аразы провокацитӕ

Президент фембӕлд уагдоны кусджытимӕ, кӕцытӕ цыппӕрӕмы нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Хъус дарын республикӕ ӕмӕ йӕ арӕнты ӕдасдзинадмӕ — ӕрсидт Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕм президент Бибылты Анатолий, кӕцы фембӕлд семӕ цыппӕрӕмы сӕ профессионалон бӕрӕгбоны — паддзахадон ӕдасдзинады органты кусӕджы боны.

Бибылты Анатолий Хуссар Иры чекисттӕн: ӕвдыстат хъӕбатырдзинад ӕмӕ патриотизм

Президенты пресс-службӕ хъусын кӕны, Бибылты Анатолий кӕй раарфӕ кодта комитеты кусджытӕн, афтӕ ма Уӕрӕсейы ӕдасдзинады федералон службӕйы кусджытӕн дӕр. Президент банысан кодта, чекисттӕ алыхатт дӕр профессионалонӕй кӕй ӕххӕст кодтой Советон Цӕдисы ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны хӕслӕвӕрдтӕ, РХИ ПӔК та йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ ӕххӕст кодта Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинад.

"Паддзахадон ӕдасдзинады комитетӕн ис хорз фӕстиуджытӕ терроризмы ныхмӕ тохы. Аиуварс кодтой бирӕ терракттӕ, кӕцытӕ нывӕндысты сӕххӕст кӕнын Хуссар Ирыстоны территорийыл. Терракттӕ, кӕцытӕ сӕххӕст кодтой, иууылдӕр сбӕрӕг кодтой, аххосджынты та бафхӕрдтой. ПӔК кусджытӕ сӕхи иттӕг хорз равдыстой Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы", — загъта президент.

Президент бахатыд кусджытӕм, цӕмӕй дарддӕр сӕ хъус дарой уавӕрмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ ГУырдзыстон дарддӕр дӕр фӕлвардзӕн аразын провокацитӕ.

1 / 3
Президент радта ПӔК кусджытӕн майдантӕ ӕмӕ кадджын нӕмттӕ
2 / 3
Президент радта ПӔК кусджытӕн майдантӕ ӕмӕ кадджын нӕмттӕ
3 / 3
Президент радта ПӔК кусджытӕн майдантӕ ӕмӕ кадджын нӕмттӕ

Бибылты Анатолий радта радон ӕфсӕддон инӕлар-майоры ном РХИ ПӔК сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хуыбиаты Владимирӕн.

Афтӕ ма президент радта ПӔК кусджытӕн майдантӕ "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн" ӕмӕ "Ӕдасдзинады органты сгуыхт кусӕджы" кадджын нӕмттӕ.