Хуссар Иры гимнасткæтæн ацыд хыгъдон ерыстæ "Ног аз Олимпы"

Президент баныфсæвæрдта, нырæй фæстæмæ Федерацийæн йæ сæрмагонд хыгъдæй кæй хицæн кæндзæн æрвылмæй 100 мин сомы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйы федераци ауагътой хыгъдон конкурс-фестиваль "Ног аз Олимпы". Фæсивæд равдыстой арæхстджын æмæ рæсугъд хисæрмагонд æмæ командон номыртæ. Гимнасткæты ʻхсæн Хуссар Иры уыдысты ацы спорты хуызы фыццаг спорты мастермæ кандидаттæ æмæ æхсæнадæмон турнирты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ.

Хуссар Иры гимнасткæтæн ацыд хыгъдон ерыстæ "Ног аз Олимпы"

Ерысты райдайæны Хуссар Иры эстетикон æмæ аивадон гимнастикæйы Федерацийы президент Цхуырбаты Зема раарфæ кодта турниры архайджытæ æмæ уазджытæн.

"Мах ацы мадзалæй хатдзæгтæ кæнæм нæ æппæт æртæазон куыстæн. Ис нæм тынг хорз уавæртæ кусынæн. Гимнастикæмæ цы сывæллæттæ бахæссынц сæ ныфс, уыдон та сты стыр фæллойгæнджытæ", — загъта федерацийы президент.

Хуссар Иры гимнасткæтæн ацыд хыгъдон ерыстæ "Ног аз Олимпы"

Уый фæстæ ахызтысты Плиты Виктория æмæ Кокойты Дианайæн цыт кæнынмæ. Дыууæ чызджы æрæджы Дзæуджыхъæуы аивадон гимнастикæйы гом фыццагад "Горянка"-йы рæстæджы сæххæст кодтой Уæрæсейы спорты мастермæ кандидатты программа. Хуссар Иры спорты мастермæ фыццаг кандидаттæн сæ æвдисæндартæ радта спорты галуан "Олимп"-ы директор Табуты Роберт.

Æрыгон гимнасткæтæн Ног азы фæдыл раарфæ кодта паддзахады разамонæг. Бибылты Анатолий баныфсæвæрдта, нырæй фæстæмæ Федерацийæн йæ сæрмагонд хыгъдæй кæй хицæн кæндзæн æрвылмæй 100 мин сомы.

"Ныридæгæн бузынг æмæ сæрыстырдзинадæй дарддæр ницы æнкъарын. Фонд "Иугонд Алани" уын æрвылмæй дæтты æххуыс 50 мин сомы, уæ куысты хатдзæг у ахадгæ æмæ ног азæй аивадон æмæ эстетикон гимнастикæйы федераци исдзæн 100 мин сомы æрвылмæй", — загъта президент.

Хуссар Иры гимнасткæтæ райстой 11 хорзæхы "Горянка"-йы

Уый фæстæ гауызмæ рахызтысты гимнасткæтæ. Фыццаг едзаг залы раз сæ арæхстдзинад равдисыны фадат радтой иууыл кæстæр къордæн равдыстон номыр "Щелкунчик"-имæ. Чысыл æмæ рæсугъд чызджытæ кæд арæхстдзинадæй лæмæгъдæр уыдысты, уæддæр сæ аив бакаст æмæ архайдæй истой стыр къухæмдзæгъд. Эстетикон гимнастикæйы къорд "Ир-Олимп-Орион"-мæ, кæцы у Санкт-Петербурджы гом турнир "Северная Венеция"-йы уæлахиздзау. Къордтæй дарддæр ма ерысты архайдтой Плиты Виктория æмæ Кокойты Диана хисæрмагонд номыртимæ, уыдон равдыстой спорты мастермæ кандидаты программæ.