Хуссар Иры президент сцыт кодта дзæнæттаг Уго Чавесæн

Хуссар Ирыстоны делегаци президенты сæргълæудæй ис Венесуэлайы дыууæбонон балцы, кæцыйы фæлгæтты уый хайад райсдзæн республикæйы разамонæг Николас Мадуройы инаугурацийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ делегацийы уæнгтæ сцыт кодтой Венесуэлайы зынгæ паддзахадон архайæг дзæнæттаг Уго Чавесæн, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Командантейы мемориал-зæппадзмæ бацæуыны рæстæджы Бибылты Анатолий зæрдыл æрлæууын кодта, Уго Чавесы уынаффæйæ Венесуэла кæй банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Хуссар Иры президент сцыт кодта дзæнæттаг Уго Чавесæн

Венесуэлайы президенты йæ бынатмæ бацæуыны церемони ацæудзæн 10 январы 2019 азы Каракасы.

Бибылты Анатолиимæ кусæгон балцы ис фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.

Боливариаг Республикæ Венесуэла Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта 2009 азы. Дыууæ бæстæйы хсæн фидаргонд æрцыдысты дипломатон ахастытæ.