Дзæуджыхъæуы зынгирвæзтæй фервæзын кодтой дæсгай адæймæгты

Бæллæхы басыгъд æртæ фатеры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Дзæуджыхъæуы цыппæрæмы æхсæв æрцыд зынгирвæзт фарастфатерон хæдзары Тамайты Владимиры уынгыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ.

Бæллæхы басыгъд æртæ фатеры.

Зынгирвæзты видео ныммыхуыр кодтой социалон хызæджы пайдагæнджытæ.

"Цауы тыххæй хъусинаг тагъд архайды службæтæм æрбацыд 01:34 сахатыл. Бæстыхаййæ фервæзын кодтой 30 адæймаджы, райсомы цыппары ʻрдæгмæ зынгирвæзт иуварс æрцыд", — дзырдæуы УУМ хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, зынгирвæзты рæстæджы зиан кæй не ʻрцыд. Специалисттæ сгарынц бæллæхы аххосæгтæ.