Цæгат Иры рабæрæг кæндзысты тыхджындæр æрмхæцджыты

Ерысты архайдзæн 150 спортсмены бæрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Дыгуры районы сабаты рабæрæг кæндзысты республикæйы тыхджындæр æрмхæцджыты, хъусын кæны ЦИ физикон культурæ æмæ спорты министрады пресс-службæ.

Ӕхсæзæм сыгъзæрин: армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейон ерыстæ Анталияйы

Турниры хатдзæгтæм гæсгæ, арæзт æрцæудзæн республикæйы æмбырдон командæ Уæрæсейы чемпионатмæ, кæцы ацæудзæн марты Екатеринбургы.

Ерысты архайдзæн 150 спортсмены бæрц.

Чемпионат цæудзæн Фадзайты Арсены номыл спортивон комплексы.