Хуссар Иры президент бахæс кодта ЦӔК-æн парламентон æвзæрстытæм бацæттæ кæнын

VII æрсидты парламентмæ æвзæрстытæ ацæудзысты ацы аз сæрды, 2009 азæй фæстæмæ фыццаг хатт уыдон ацæудзысты пажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Бибылты Анатолий бахæс кодта Центрæххæсткъамы сæрдар Плиты Беллайæн республикæйы VII æрсидты парламентмæ æвзæрстыты организацион фарстытыл бакусын.

Хуссар Ирыстоны депутатты æвзардзысты ног законмæ гæсгæ

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты ацы аз сæрды. Уыдон 2009 азæй фæстæмæ фыццаг хатт ацæудзысты мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.

"Сымахæн уæ бон у организоцион фарстыты фæдыл æххуыс курын æмбæлон уагдæттæй", - бахахх кодта Бибылты Анатолий хицауады рауæрæхгонд рабадты.

Уый ма бахæс кодта министрты кабинетæн рæстæгыл дзуапп кæнын Централон æвзарæн къамисы куырдиæттæн.

Уымæй дарддæр ма президент бахæс кодта ЦӔК-æн æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл хæрдзты сметæ бацæттæ кæнын.