Цалдæр куыстбынат ахсджыты бæрæг кæндзысты фæллойадон бадзырдты руаджы

Дыууæ кæнæ фылдæр куыстбынат цы бюджетон уагдæтты кусджытæ ахсынц, уыдоныл уынаффæ цыд хицауады рауæрæхгонд рабадтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент бахæс кодта юстицийы министрад æмæ хицауады аппаратæн 10 боны æмгъуыдмæ саразын фæллойадон бадзырдты хуызæгтæ, кæцытæ фидаргонд цæудзысты кусæг æмæ куыстдæттæджы хсæн бынатмæ исыны рæстæджы. Уый фадат ратдзæн цалдæр куыстбынат ахсджыты бæрæгкæнынæн.

Бибылты Анатолий фехъусын кодта цалдæр бынæтты кусджыты нымæц

Ныридæгæн паддзахадон уагдæтты фылдæр, ног кусджыты куыстмæ исгæйæ, нæ бафыссынц уыдонимæ фæллойадон бадзырдтæ.

"Уый фæахъаз уыдзæн цалдæр куыстбынат ахсджыты бæрæг кæнынæн. Хъæуы саразын фæллойадон бадзырдты бындурыл кусджыты базæ. Науæд кæцыдæр къухдариуæггæнджытæ фæивынц сæ кусджыты хисæрмагонд бæрæггæнæнтæ, цæмæй ма зына, цал бынаты кусынц, уый", - загъта президент хицауады рауæрæхгонд рабадтыл.

Бæстæйы сæргълæууæг бамбарын кодта, фæллойадон бадзырдтæм рахыст кæй æрнывыл кæндзæн куысты системæ, ссæрибар кæндзæн куысты бынæттæ.

Бибылты Анатолий бахæс кодта хицауады сæрдар Пухаты Эрикæн стыр хъусдард аздахын ацы фарстмæ.