ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министрад райдыдта амалиуæггæнджыты куырдиæттæ исын уæлбар кредиттæй ифтонг кæныны фæдыл, уый фæдыл республикæйы расидтæуыд конкурс, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Конкурс уагъд цæуы закон "Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъектты уæлбар кредиткæнынад"-мæ гæсгæ 15 январæй 15 февральмæ.
Куырдиæттæ ист цæуынц Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министрады, цы ран бизнес-проекттæ рацæуынц развæлгъау равзæрст æмбæлон документты бындурыл.