Президент бахæс кодта æртаджы аргъ фæкъаддæр кæнын

Æртаджы æмæ электронон рухсы æргътыл уынаффæ цыд паддзахады сæргълæууæджы фембæлды рæстæджы вице-премьер – экономикæйы министр Бекъойты Геннадиимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта фæкъаддæр кæнын æртаджы æргътæ. Фарстыл уынаффæ цыд вице-премьер – экономикæйы министр Бекъойты Геннадиимæ фембæлды рæстæджы.

Ныридæгæн паддзахадон амалиуæгад "Югосетнефтепродукт"-ы æртагкæнæн станцты АИ-92 маркæйы бензин уæй цæуы 38 сомыл, дизелон æртаг - 46 сомы

"Ӕз нымайын, æргътæ сты æгæр бæрзонд. Кæд махмæ ис æртаджы æргътæ чи нывыл кæны ахæм уагдон "Югосетнефтепродукт", уæд уый хъуамæ тагъд архайа æддагон æргъты ивындзинæдты рæстæджы", - радæтта президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Бибылты Анатолий банхъардта бакусын æртаджы аргъы фарстыл фæсарæнты æргътæ хынцгæйæ.

"Бензины аргъ хъуамæ ма хиза 35 сомæй æмæ дизелон æртаг та 43 сомæй. Мæн фæндит, цæмæй æргътæ æмбæлон уагмæ æркæнат 1 февральмæ, кæцытæ уыдзысты фæсарæнты аргъты æнгæс", - загъта президент.

Президент бахæс кодта æртаджы аргъ фæкъаддæр кæнын

Паддзахады разамонæг бафтыдта, ахæм мадзæлттæ хъæуы райсын электроэнергийы æргъты фæдыл дæр, цæмæй амалиуæггæнджытæн хуыздæр уавæртæ арæзт æрцæуой кусынæн.

"Электроэнергийы æргътæ фæкъаддæр кæнын хъæуы 25-30 копеччы бæрц, уый хорзырдæм бандавдзæн амалиуæггæнджыты куыстыл", – загъта Бибылты Анатолий.

Вице-премьер баныфсæвæрдта, президенты хæслæвæрдтæ æххæст цæудзысты.

"Бакусдзыстæм æртаджы аргъ 1 февральмæ фæкъаддæр кæныныл. Электроэнергимæ цы хауы, кæй зæгъын æй хъæуы, амалиуæггæнджытæн хъæуы æххуыс кæнын", - загъта Бекъойты Геннадий.