Дыууын ирон богалы стох кæндзысты Красноярскы турниры

Уæлахиздзау райсдзæн рейтингон турнир "Ярыгинский"-мæ балцæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik. Дмитрий Миндиашвилийы номыл хъæбысхæсты академийы турниры стох кæндзысты 20 богалы. Турнир уыдзæн æвзарæн этап рейтингон ерыстæ "Гран-при Иван Ярыгин-2019"-мæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрад.

Ерыстæ райдайдзысты Красноярскы майрæмбоны.

Ирон богалтæ хайад райсдзысты Индиаг лигæйы

"Ярыгинский"-мæ балцæгтыл тох кæндзысты 20 уæгъдибар хъæбысхæцæджы. Се ʻхсæн Токъаты Зауыр, Бадтиаты Артур, Уалыты Чермен, Зассеты Алан, Хуыбежты Кахабер, Уалыты Радик, Мæхъиты Зауыр, Кцойты Сослан, Нартыхты Радик, Хуыбиаты Арсений, Хуыгаты Хох, Гæззаты Батрадз, Чертхъоты Гурам, Соттиаты Асланбег, Гогаты Георгий, Хуыбылты Хъазбег, Голоты Виталий", - дзырдæуы хъусинаджы.

Гран-при "Иван Ярыгин-2019"-ы тох кæныны бар лæвæрд цæуы æртæ богалæн ацкæцы уæзы категорийы: 2018 азы сезоны лидер (дунейы чемпионаты хайадисæг), турнир "Алантæ"-йы хайадисæг, афтæ ма Миндиашвилийы турниры уæлахиздзау.

Балцæгтæ нырмæ сæ къухты бафтыдысты фондз ирон хъæбысхæцæгæн - Байты Дауыт (70кг), Сидахъты Заурбег (74кг), Уалыты Владислав (86кг), Цæкъулты Батырбек (92кг) æмæ Байцаты Владиславæн (97кг).