ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Хуссар Иры прокуратурæйы куысджытæ генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы сæргълæудæй цæуынц сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ Уæрæсейы Прокуратурæйы университеты, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.
"Квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ нæ кусджытæ цæудзысты 30 январьмæ. Ахуырмæ æдæппæтæй ацыд Генпрокуратурæйы фараст кусæджы", - загътой уагдоны.
Уæрæсейаг вузы ректор, УЗА профессор Оксана Капинус раарфæ кодта ахуыры райдайæны фæдыл, стæй ма банысан кодта, зæгъгæ, генпрокуроры хайадистæй кæй цæуы ахуыр, уый дзурæг у сæрмагонд ахастыл.
Курсытæй дарддæр Генпрокуратурæйы кусджытæ хайад райсдзысты тымбыл фынг "Защита прав и свобод человека в деятельности прокуратуры РФ и РЮО", кæцы ацæудзæн 25 январы.
"Тымбыл фынджы куысты хайад райсдзысты ХБЦ генералон прокурорты Координацион советы уæнгтæ, УФ Генпрокуратурæйы æхсæнадæмон-барадон æмгуыстады сæйраг управлениейы кусджытæ, университеты зонадон æмæ педагогон кусджытæ, - загътой пресс-службæйы.
РХИ æмæ УФ Генпрокуратурæты ʻхсæн кусы бадзырд, кæцы фидар æрцыд 2008 азы.