Бибылты Анатолий банысан кодта прокуратурæйы хайбавæрд Хуссар Иры рæзтмæ

© Sputnik / Алексей КовалевПрокуратурæ, Хуссар Ирыстон
Прокуратурæ, Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта прокуратурæйы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн

ЦХИНВАЛ, 12 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны прокуратурæ хæссы ахадгæ хайбавæрд бæстæйы æцæг демократон, барадон паддзахад саразыны хъуыддагмæ, нысан цæуы президент Бибылты Анатолий арфæйы телы, хъусын кæны паддзахады пресс-службæ.

Хуссар Ирыстоны майрæмбоны нысан кæнынц Прокуратурæйы кусæджы бон, ацы бæрæгбоны фæдыл ведомствæйы кусджытæн раарфæ кодта президент Бибылты Анатолий.

"Барадхъахъхъæнæг органты хай уæвгæйæ, кæцыйы разы ис æвæрд хæслæвæрд Хуссар Ирыстоны закæттæ æмæ æмбæстаджы конституцион бартæ хъахъхъæнын æмæ æххæст кæнынмæ хъусдард здахын, Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæ хæссы ахадгæ хайбавæрд бæстæйы æцæг демократон, барадон паддзахад саразыны хъуыддагмæ", — дзырдæуы арфæйы телы.

Президент равдыста ныфс, прокуратурæйы кусджытæ, кæцытæ хицæн кæнынц патриотизм æмæ куыстыл иузæрдиондзинадæй, дарддæр дæр æнтыстджынæй кæй æххæст кæндзысты сæ кусæгон хæстæ æмæ эффективонæй скъуыддзаг кæндзысты ведомствæйы раз æвæрд вазыгджын хæслæвæрдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0