ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министрад исы мадзæлттæ, цæмæй республикæйы ма фæфылдæр уа грипп æмæ "ОРВИ"-йæ рынчынты нымæц. Уый тыххæй фехъусын кодтой иумæйаг рабадты, кæцы ацыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий æмæ сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринайы сæргълæудæй.
Коцты Марина банысан кодта, 2019 азы æртыккаг къуырийы бæрæггæнæнтæ нæ фæфылдæр сты ивгъуыд æзты аналогион периоды бæрæггæнæнтæй. Уымæ æнæкæсгæйæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, уагъд цæуынц профилактикон мадзæлттæ гриппæй рынчынты нымæц ма фæфылдæр кæныны фæдыл.
"Уыцы мадзæлттæ ма хъуамæ райсой районты администрациты, медицинон æмæ ахуырадон уагдæтты сæргълæуджытæ", - бахахх кодта уый.
Ныридæгæн райсгæ мадзæлтты нымæцы министр Тотчиты Георгий та ранымадта уадзæн пункттыл басгæрсты фæкарздæр, санитарон-дезинфекцион куыст фæтыхджындæр кæнын, æнæмæнгхъæуæг препаратты фæстауæрц æмæ æнд.