Хуссар Ир æмæ Сирийы минæвæрттæ фембæлдысты Мæскуыйы

Гасситы Знауыр æмæ Риад Хаддад æруынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстадыл, афтæ ма дыууæ бæстæйы хсæн ахастытæ фæарфдæр кæныныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы хсæн æмгуыстадыл æрдзырдтой республикæйы минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ йæ сириаг коллегæ Риад Хаддад, хъусын кæны хуссарирыстойнаг димломатон уагдоны пресс-службæ.

Хуссар Ир æмæ Сирийы минæвæрттæ фембæлдысты Мæскуыйы

Фембæлд ацыд Мæскуыйы, фарсытæ æруынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстадыл, афтæ ма дыууæ бæстæйы хсæн ахастытæ фæарфдæр кæныныл.

"Сири æмæ Хуссар Иры минæвæрттæ банысан кодтой бæстæты хсæн бастдзинæдты æвæрццаг динамикæ, кæцытæн фæахъаз ис, президенттæ Бибылты Анатолий æмæБашар Асад цы бадзырд бафыстой, уыд", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ир ӕмӕ Сири бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд

Фембæлды ма банысан æрцыд, æввахс рæстæджыты сириаг делегацитæ кæй æрцæудзысты Хуссар Ирыстонмæ æхсæнпаддзахадон бадзырдтæ æмæ бадзырдон-барадон базæ лыстæггай равзарыны нысанæн.

Хуссарирыстойнаг дипмиссийы сæргълæууæг президент Бибылты Анатолийы номæй фæхуыдта Сирийы президенты Цхинвалмæ.

Риад Хаддады цæст  дæр бауарзта ирон адæмæн æмæ сæ президентæн бирæ хæрзиуджытæ.

Сири банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2018 азы майы.