Хуссар Ир ӕмӕ Сири бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд

© Пресс-служба президента РЮОЮжная Осетия и Сирия заключили Договор о дружбе и сотрудничестве
Южная Осетия и Сирия заключили Договор о дружбе и сотрудничестве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырдмӕ гӕсгӕ райтынг кӕндзысты ӕмгуыстад ӕддагон политикӕ, базарад, экономикӕ, зонад, ахуырад, культурӕ ӕмӕ спорты фадгуыты

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы президенттӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Башар Асад бафыстой Дамаскы ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн. Документы бафыст ӕрцыд Хуссарирыстойнаг паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон балцы рӕстӕджы Дамаксмӕ, хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ.

Сириаг тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сири банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад

Документы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уый сарӕзтӕуыд "дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстад райтынг кӕнын алы фадгуыты ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕныны нысанӕн".

Бадзырдмӕ гӕсгӕ райтынг кӕндзысты ӕмгуыстад ӕддагон политикӕ, базарад, экономикӕ, зонад, ахуырад, культурӕ ӕмӕ спорты фадгуыты.

Бадзырды хицӕн пунктӕй фыст у, фарсытӕ кӕй сараздзысты хӕрзвадат экономикон, финансон ӕмӕ барадон уавӕртӕ амалиуӕгадон, инвестицион ӕмӕ ӕндӕр экономикон архайды фӕдыл.

Башар Асад банысан кодта, зӕгъгӕ, Бадзырд уыдзӕн ахастыты райрӕзты бындур. Бибылты Анатолий баныфсӕвӕрдта, бадзырд тагъд рӕстӕджы кӕй баххӕст уыдзӕн конкретон практикон архайдтӕй, кӕцытӕ здӕхт уыдзысты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы адӕмы хорздзинадмӕ.

Вид на Дамаск с горы Кассион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Балц райдыдта: Хуссар Иры президент атахт Сиримӕ

РХИ президент Бибылты Анатолийы официалон балц Сириаг Арабаг Республикӕйы (САР) адаргъ уыдзӕн цалдӕр бонмӕ. Балцы фӕлгӕтты нывӕнды фембӕлын САР премьер-министр ӕмӕ парламенты спикеримӕ, афтӕ ма Сирийы бизнес-ӕхсӕнадимӕ.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты президенты администрацийы разамонӕг Козаты Игорь, Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим, экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий, Уӕлвӕткон уавӕрты министр Тадтаты Алан.

Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 29 майы. Уый размӕ хуссарирыстойнаг республикӕйы хӕдбардзинад банымадтой Уӕрӕсе, Никарагуа, Венесуэла ӕмӕ Науру.

Ног хабӕртты лентӕ
0