Транскамы уавæр: дарддæр цæуынц фæндаг сыгъдæггæнæн куыстытæ

Хуссар Ир дунеимæ иугæнæг фæндаг æхгæд у ныр æстæм бон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл сыгъдæггæнæн куыстытæ цæуынц æхсæвæй бонæй, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ.

Транскамы уавæр: дарддæр цæуынц фæндаг сыгъдæггæнæн куыстытæ

Транскам æхгæн у ныр æстæм бон. Азы райдайæнæй фæндаг сæхгæдтой цыппæрæм хатт стыр митуард æмæ зæйты æрцыды тыххæй.

"Абон дæр та фæндагон æмæ зæйты ныхмæ службæтæ адарддæр кодтой трассæ сыгъдæг кæнын. Зæйты æхсын æмæ фæдаг сыгъдæг кæнын æруромынц æрмæстдæр цалдæр сахатмæ æхсæвы. Сæ бон цы у, уый архайынц, цæмæй трассæ куыд тагъддæр байгом уа", - банысан кодтой УУМ.

Уагдоны ма бафтыдтой, куыст кæй зын кæны дæсгай зæйты æрцыд æмæ тынг бирæ мит фæндаджы уæлцъарыл.

Транскамы уавæр: дарддæр цæуынц фæндаг сыгъдæггæнæн куыстытæ

УУМ фехъусын кодтой, Транскамы хуссайраг фарс сыгъдæг кæй у митæй.