Хуссар Иры ӔХМ: гриппӕй фӕрынчыны цаутӕ нӕм нӕй

Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй КРВИ рынчынкӕнынады бӕрӕггӕнӕнтӕ ивгъуыд азмӕ гӕсгӕ фӕкъаддӕр сты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Карз респираторон вирусон инфекцитӕй (КРВИ) рынчынкӕнынады ӕмвӕзад абоны онг республикӕйы у стабилон ӕмӕ нымад цӕуы ӕнӕэпидемионыл, гриппӕй фӕрынчыны цаутӕ нӕй, радзырдта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Цоциты Алла.

Хуссар Иры райсдзысты уæлæмхас мадзæлттæ гриппы профилактикæйы тыххæй

Министрады пресс-службӕйы хъусинагмӕ гӕсгӕ, ногазон каникулты фӕстӕ скъолаты ахуыры процессы сногимӕ фыццаг бонты фӕфылдӕр вӕййы КВРИ рынчынкӕнынад.

"2018 азы декабры республикӕйы уыд КРВИ фӕрынчыны 574 цауы, уыдонӕй 444 - сывӕллӕттӕ. Ацы аз бӕрӕггӕнӕнтӕ фӕкъаддӕр сты", - банысан кодта Цоциты Алла.

Уый ма ӕрсидт скъолаты къухдариуӕггӕнджытӕм райсын мадзӕлттӕ, цӕмӕй ма бауадзой инфекцион низты парахат ахуырадон уагдӕтты - рынчын сывӕллӕтты ӕрвитын хӕдзӕрттӕм.