Ирон къæбицы хæрæндон Ficcin бацыд хуыздæрты номхыгъдмæ Турчы

Лейла Киличы кафе "Ficcin" бахауд фæндагамонæн Louis Vuitton City Guide амындгонд хæрæндæтты номхыгъдмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik. Турчы зындгонд ирон æмæ кавказаг къæбицы хæрæндон "Ficcin" бахауд фæндагамонæн Louis Vuitton City Guide амындгонд номхыгъдмæ, хъусын кæны Ossetia news.

Ирыстонӕй дард: туркаг ирон Килич-Ӕлбегты Лейлайы хӕрзад истори

Ресторан "Ficcin"-ы бардарæг у туркмæ алидзæг ирон адæмы фæдонтæй иу - Лейла Килич (Ӕлбегаты). "Ficcin" 2011 азы бацыд Стамбулы дæс хуыздæр хæрæндоны номхыгъдмæ.

"Сылгоймаг йæ куыст райдыдта Стамбулы туристон районы цæттæ къæбицы æрбакондæй. 20 азмæ уый ссис иууыл популярондæр ресторантæй иу. Ныридæгæн æй бахастой мобилон уæлæмхасæн Louis Vuitton City Guide амынд уагдæтты нымæцмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Louis Vuitton бавдыста мобилон уæлæмхасæн City Guide 2015 азы, цы ран автортæ сæмбырд кодтой уæрæх публикæйæн зындгонд ресторантæ æмæ фендаг бынæттæ æмæ сфидар кодтой уыдоныл æрзилыны маршруттæ

Уæлæмхасæн æдзух цæуы ноггонд.

Ирон къæбицы хæрæндон Ficcin бацыд хуыздæрты номхыгъдмæ Турчы