Ирыстонӕй дард: туркаг ирон Килич-Ӕлбегты Лейлайы хӕрзад истори

© FacebookЛейла Албегова - осетинка в Турции
Лейла Албегова - осетинка в Турции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноджы ма иу истори рубрикӕ "Ирыстонӕй дард"-ӕй радзурдзӕн туркаг ирон Лейла Киличы царды тыххӕй, кӕцы ныр 20 азы дӕргъы кусы ресторанон бизнесы ӕмӕ тох кӕны сылгоймӕгты барты сӕрыл Стамбулы.

Гӕджиты Аида

Лейла Килич у Стамбулы цӕрӕг ирӕттӕй иууыл зындгонддӕр. Йӕ ресторантӕ ссисты уарзон бынат ӕрмӕст туркаг ирӕттӕн нӕ, фӕлӕ ма туристтӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕн дӕр, бирӕ райгонды ныхӕстӕ уыдон тыххӕй ис бакӕсӕн гастрономон сайттӕ ӕмӕ форумтыл.

"Мӕ ирон мыггаг у Ӕлбегтӕй, нӕ фыдӕлтӕ Туркмӕ ӕрбалыгъдысты 1865 азы. Стамбулы мах цӕрӕм стыр бинонтӕй — ӕртӕ хо ӕмӕ цыппар ӕфсымӕрӕй", — дзуры Лейла.

Йӕ бизнес Лейла райдыдта цӕттӕ къӕбицы чысыл дуканийӕ Стамбулы туристон районтӕй иу — Истиклялы, Каллавийы фӕрсуынгыл. Дукани 20 азмӕ фестад кавказаг къӕбицы иууыл популярон ресторантӕй иу ахӕм номимӕ Ficcin (фыдджын). 2011 азы ресторан бацыд Стамбулы 10 хуыздӕр уагдоны номхыгъдмӕ газет Гардианы версимӕ гӕсгӕ.

© FacebookЛейлайы Ресторан "Фыдджын" Стамбулы
Ficcin - ресторан в Турции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лейлайы Ресторан "Фыдджын" Стамбулы

Фӕстӕдӕр ма Лейла бакодта ноджы иу кафе фӕрсуынг Каллавийы "Еrrа Goppa" (Ӕрра гоппа), уымӕй Турчы Ficcin хызӕг фӕуӕрӕхдӕр кӕнгӕйӕ.

"Ӕппӕлынӕн нӕ дзурын, фӕлӕ нӕ ресторантӕ ссисты фембӕлды бынат ӕрмӕст туркаг ирӕтты нӕ, фӕлӕ ма Кавказы ӕндӕр минӕвӕртты ӕхсӕн", — дзуры Лейла.

Цавӕрдӕр рӕстӕджы фӕстӕ хызӕджы ног уагдон фӕзынд Стамбулы ӕндӕр районы дӕр — Ficcin Akaretler. Ресторантӕн нӕмттӕ Лейла йӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодта, сӕйраг домӕн уыд — националон къӕбицы ресторан хъуамӕ уа мадӕлон ирон ӕвзагыл.

"Раздӕр, Турчы хъӕуты кӕрӕдзимӕ ӕнгомӕй цӕргӕйӕ, ирӕттӕн ӕнцондӕр уыд ирон æвзаг æмæ ирон æгъдæуттæ ахуыр кӕнын, бирӕ цыдӕртӕ нын амыдтой нæ дадатæ ӕмӕ бабатӕ. Ныртӕккӕ ирӕттӕн сӕ фылдӕр цӕрынц стыр горӕтты, куыд Стамбул, Анкара, Измир. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ тӕгтӕ фидар сты — мах арӕх фембӕлӕм стыр цауты рӕстӕджы, куыд чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбӕттӕ", — дзуры Лейла.

© FacebookЛейлайы ресторан бацыд Стамбулы 10 хуыздӕр уагдоны номхыгъдмӕ
Лейла в одном из своих ресторанов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лейлайы ресторан бацыд Стамбулы 10 хуыздӕр уагдоны номхыгъдмӕ

Ирон уӕлибыхтӕ Лейла кӕны йӕхӕдӕг дӕр, арӕхдӕр туркаг цыхтӕй пайда кӕнгӕйӕ.

"Фӕлӕ мӕм хаттӕй-хатт ӕцӕг ирон цыхт куы ӕрбахауы, уӕд фыццаджыдӕр скӕнӕм цыхтӕй уӕлибыхтӕ, уымӕн ӕмӕ рестораны уазджытӕй уыдон алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр тынг цӕуынц ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алчи дӕр тынг уарзы фыдджын", — дзуры Лейла.

© FacebookЛейлайы ирон уӕлибыхтӕ
Осетинские пироги в Турции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лейлайы ирон уӕлибыхтӕ

Туркаг ироны ныхӕстӕм гӕсгӕ, ресторанон бизнесы къабазы уый уӕлдай ницы зындзинӕдтӕ бавзӕрста.

"Ничи мын ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ, фӕлӕ ног бизнес аразын йӕхигъӕдӕй зын хъуыддаг у, кӕцы домы хъæддыхдзинад, быхсынад ӕмӕ фӕразондзинад. Мӕ бон у зӕгъын, Турчы сылгоймӕгтӕн бизнес аразыны фадат кӕй ис, уый тыххӕй сын ис алы уавӕртӕ дӕр", — дзуры Лейла.

Ирма Мамсыраты, председатель Международного союза Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстонӕй дард: Мамсыраты Ирмæйы туркаг ӕрхӕндӕгдзинад

Йӕ ресторанты менеджертӕ сӕйраджыдӕр сты сылгоймӕгтӕ, уымӕй Лейла ӕвдисы йӕ демократон ахаст сылгоймаджы куыстмӕ ӕмӕ алыгъуызонӕй ӕххуыс кӕны ӕрыгон бизнес-ледитӕн сӕ бынат ссарын социумы. Уый у, ӕцӕгӕйдӕр, нӕ дуджы Сатана — Нарты эпосы хъайтар.

Лейлайы арӕх ӕрбахонынц туркаг телеуынынады шоутӕм, уый арӕх свӕййы алыгъуызон репортажтӕ ӕмӕ интервьюты хъайтар бӕстӕйы раззагондӕр дзыллон информацийы фӕрӕзты. Ӕмӕ уый ӕнӕнхъӕлӕджы нӕу, уымӕн ӕмӕ ӕнтыстджын ресторанон бизнесӕй дарддӕр, ирон сылгоймаг арӕх свӕййы алыгъуызон культурон мадзӕлтты спонсор, уый нымӕцы ирон аутентикон ансамбль Къонайы концерты спонсор Стамбулы.

Лейлайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, туркаг ирӕттӕ ӕмӕ Ирыстоны цӕрӕг ирӕтты ӕхсӕн бирӕ хицӕндзинӕдтӕ нӕй — иу адӕм сты. Йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ раздӕхын Лейла нырма нӕ нывӕнды, фӕлӕ уавӕрӕй спайда кӕнгӕйӕ, уый раргом кодта, куыд тынг уарзы Ирыстоны.

"Ирыстон у мӕ зӕрдӕ", — загъта Лейла.

Ног хабӕртты лентӕ
0