Бразилиаг депутаттæ схорзæхджын кодтой Хуссар Иры æххæстбарджыны

Кинорежиссер æмæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын Тыбылты Андрей райста хорзæх бразилиаг парти Partido Humanista da Solidariede-йæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Латинаг Америкæйы бæстæтимæ хæларадон ахастытæ Хуссар Иры æвзæрын кæнынц стыр цымыдис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны минæвар Sputnik йæ интервьюйы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын Тыбылты Андрей.

Йæ юбилеймæ Тыбылты Андрей райста хорзæх бразилиаг парти Partido Humanista da Solidariede-йæ.

Хуссар Иры ӕххӕстбарджын минӕвар Бразилийы: нӕ нын фаг кӕны иудзинад

Тыбылты Андрейы ныхæстæм гæсгæ, майдан "Рио-де-Жанейройы штаты кадджын æмбæстаджы титул" лæвæрд цæуы фæсарæйнаг бæстæты цæрджытæн æмæ у стыр кады нысан.

"Ацы хорзæх у фыццаг къхдзæф социалон, культурон æмæ экономикон æмгуыстадмæ", - загъта Тыбылты Андрей.

Æххæстбарджын ма банысан кодта, Латинаг Америкæйы регион у хорз фæзуат ног проекттæ æххæст кæнынæн. Уый хынцгæйæ минæвæрад алыварсонæй архайдзæн бастдзинæдтæ райтынг кæнын Латинаг Америкæйы бæстæтимæ.

Бизнесмен, кинорежиссер, каскадер æмæ актер Тыбылты Андрей Тибилов у Ирыстонæй ацæугæ. 2013 азы уый нысан æрцыд Хуссар Иры æххæстбарджын минæварæй Латинаг Америкæйы.