ConIFA–2019: Хуссар Ир бахызт Европӕйы чемпионаты сӕйраг хызӕгмӕ

Европейаг футболы кубок ConIFA – 2019 халӕппӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонимӕ иу къорды уыдзысты Ныгуылӕйнаг Сомих ӕмӕ Секейы бӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 янв - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хӕдбар футболон ассоциациты конфедераци ConIFA фехъусын кодта Еврокубок–2019 командӕты хатдзӕгон номхыгъд, кӕцы ацӕудзӕн сӕрды Арцахы.

Цыппӕрӕм къорды Хуссар Ирыстонимӕ тох кӕндзысты Ныгуылӕйнаг Сомих ӕмӕ Секейы бӕстӕ.

Ирон футболисттæ нæ райсдзысты хайад ConIFA-йы дунейы кубокы

РХИ спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕргълӕууӕг Зассеты Сергей радзырдта Sputnik, зӕгъгӕ, гӕнӕн ис ӕмӕ республикӕйы командӕ ма райса хайад ацы турниры.

"Ис нын зындзинӕдтӕ нӕ командӕйы скондимӕ, бирӕтӕ зонынц, нӕ хъазджыты фылдӕр кӕй сты карджын. Ацы фарсты фӕдыл ConIFA генералон секретарь банхъардта ӕрхонын специалисты Английӕ, кӕцы нын баххуыс кӕндзӕн ӕрӕмбырд кӕнын командӕ", - радзырдта Зассеты Сергей.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис ма дзы ӕхцайы фӕрӕзтимӕ проблемӕ дӕр. Ивгъуыд ӕзты ацы фарст бирӕ хатт ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ хуссарирыстойнаг командӕйы хайадистыл ConIFA-йы.

"ConIFA кубок нӕ бӕстӕйӕн ӕрмӕст спортивон мадзал нӕу, фӕлӕ ма у фадат равдисын нӕ культурӕ ӕмӕ радзурын нӕ бӕстӕйы тыххӕй. Ахӕм балцыты хъӕуы ӕхцайы фӕрӕзтӕ, ӕмӕ мах уырны, ацы хатт кӕй райсдзыстӕм финансон ӕххуыс", - банысан кодта Зассеты Сергей.

Футболон организаци ConIFA æрцыд арæзт 2013 азы июны æмæ иу кæны æнæнымад бæстæты футболон ассоциациты. 2018 азы сӕрды Лондоны ацыд ConIFA дунейы кубок. Уӕд Хуссар Ирыстоны футболисттӕн нӕ бантыст райсын ӕмбӕлгӕ баллттӕ, цӕмӕй хайад райсой ерысты, фӕлӕ сӕ фӕхуыдтой турнирмӕ, куыд уазджыты, афтӕ. Футболисттӕ рацыдысты националон тырысаимӕ хайадисджыты традицион парады рӕстӕджы.