Ирон футболисттæ нæ райсдзысты хайад ConIFA-йы дунейы кубокы

© Sputnik / Фатима ПлиеваПрезиденты Кубок
Президенты Кубок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Футболисттæ Хуссар Ирыстонæй ныллæг рейтингы тыххæй нæ райсдзысты хайад æхсæнадæмон футболон турниры, кæцы сорганизаци кодта Хæдбар футболон ассоциациты конфедераци – ConIFA

ЦХИНВАЛ, 22 янв— Sputnik. Хуссарирыстойнаг командæйæн нæ бантыст æрæмбырд кæнын æмбæлон нымæц баллтæ развæлгъау матчты, 2018 азы сæрды Лондоны ConIFA-йы дунейы кубокы фæлгæтты ерысты хайад райсыны тыххæй. Ӕдæппæт турниры хайад райсдзысты командæтæ 16 регионæй, уыйдон нымæцы Абхаз, Кирибати æмæ Тибет.

Хуссар Ир баййæфта ноджы иу егъау фембылд ConIFA-йы

РХИ-ы спорт æмæ фæсивæдон политикæйы комитеты Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хуссарирыстойнаг футболисттæн уыдзæн фадат стох кæнын радон дунейы кубокыл, кæд æмæ ауадзой æхсæз хæларадон фембæлды ацы аз.

"Нæ командæ нæ исы æмбæлон финанскæнынад паддзахадæй. Уыимæ иумæ, ConIFA-йы турниртæ сты ахæм бынат, цы ран Хуссар Ирыстонæн фадат ис хи æвдисын, куыд хæдбар паддзахад. Мах нывæндæм ацы фарстыл схæцын президентимæ æввахсдæр фембæлдыл", — загъта комитеты разамонæг Зассеты Сергей.

Кæд æмæ хуссарирыстойнаг футболисттæн нæ уыдзæн фадат ерысты хайад райсын, уæддæр уыдон хуынд æрцыдысты турнирмæ фарсхæцджыты хуызы æмæ рахиздзысты фæзуатмæ националон тырысаимæ, бæстæтæ-хайадисджыты традицион парады фæлгæтты.

Футболон организаци ConIFA æрцыд арæзт 2013 азы июны æмæ иу кæны æнæнымад бæстæты футболон ассоциациты.

Ног хабӕртты лентӕ
0