МХМ хатдзӕгтӕ скодта Хуссар Иры районты куыстӕн 2018 азы

Дзау ӕмӕ Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады разамонджытӕ хатдзӕгтӕ скодтой ивгъуыд азы куыстӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik. Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады рабадты рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодтой 2018 азы оперативон-службӕйон архайдӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ сифтонг кодтой ног транспортӕй

Районы мидхъуыддӕгты хайады хистӕр, милицийы дӕлбулкъон Собаты Азӕмӕт банысан кодта, зӕгъгӕ, 2017 азмӕ абаргӕйӕ куыст фӕхуыздӕр, фӕлӕ хъӕуы архайын дарддӕр.

"Махмӕ ис бирӕ ӕвзонг кадртӕ, кӕцытӕ нырма исынц фӕлтӕрддзинад, фӕлӕ уыдон ныридӕгӕн хорз ӕххӕст кӕнынц сӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ. Дарддӕр хъӕудзӕн фылдӕр кусын, цӕмӕй бӕрӕг кӕнӕм ивгъуыд ӕзты фыдракӕндтӕ", - загъта Собаты Азӕмӕт.

Администрацийы сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕг Гаглойты Юрий загъта бузныг хайады кусджытӕн ӕмӕ банысан кодта, алкӕцы мадзалы дӕр, кӕцы уадзы администраци, хайад ӕххӕст кӕны ӕхсӕнадон фӕтк.

Ивгъуыд азы оперативон-службӕйон архайдӕн хатдзӕгтӕ скӕныны фӕдыл рабадт ацыд Дзауы районы мидхъуыддӕгты хайады дӕр.

МХМ хатдзӕгтӕ скодта Хуссар Иры районты куыстӕн 2018 азы
Дзауы районы мидхъуыддӕгты хайады хистӕр, милицийы булкъон Дзахойты Алим бахахх кодта, 2018 азы оперативон-службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кодтой.

"Хайады кусджытӕ сӕххӕст кодтой ӕдасдзинад ӕхсӕнадон-политикон, спортивон, культурон ӕмӕ динон мадзӕлтты рӕстӕджы. Дарддӕр хъӕуы фылдӕр кӕнын куыст фыдракӕндты рагфӕдзӕхсты фӕдыл, афтӕ ма фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады фадыджы дӕр", - загъта Дзахойты Алим.

2018 азы архайдӕн хатдзӕгтӕ скодтой Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады ӕндӕр хайадтӕ ӕмӕ службӕтӕ дӕр.