Хуссар Ир ӕмӕ Луганскы парламенттӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Документтӕ бафыстой дыууӕ республикӕйы закондӕттӕн органты сӕргълӕуджытӕ Луганскы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕйы (ЛАР) Адӕмон советы сӕргълӕууӕг Денис Мирошниченко бафыстой ӕхсӕнпарламентон ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Луганскы, хъусын кӕны РИА Новости.

Хуссар Иры парламент сразы ис ДАР æмæ ЛАР-имæ бадзырдтыл

"Алкӕцы документ дӕр хъуамӕ здӕхт уа нӕ адӕмы хӕрзӕбон фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Ацы здӕхты мах архайдзыстӕм", - загъта Гасситы Петр журналисттӕн.

ЛАР парламенты сӕргълӕууӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстад цӕудзӕн ӕхсӕнадон организациты хаххыл, фӕлӕ сӕйраг хъусдард уыдзӕн здӕхт депутатты куыстмӕ. Афтӕ ма уый загъта бузныг Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадӕн ӕххуыс ӕмӕ банымады тыххӕй.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.