Ирон богал ссис дзюдойы турниры призер Парижы

Хуыбецты Алан ссис иунӕг уӕрӕсейаг, кӕцы рамбылдта майдан Гранд-шлем турниры Парижы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг дзюдоист Хуыбецты Алан рамбылдта бронзӕйы майдан "Большой шлем" турниры Парижы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы дзюдойы федерацийы официалон сайт.

Дыууæ цхинвайлаг богал рамбылдтой ерыстæ Цæгат Иры

Хуыбецты Алан уыд иунӕг уӕрӕсейаг, кӕцы ссис турниры призер. Спортсмены уӕлахизы фӕрцы Уӕрӕсе ацыд 16-ӕм бынатыл 97 хайадисӕджы ӕхсӕн.

Спортсмен архайдта 81 килограмм уӕзы категорийы.

Турниры фондз тохӕй цыппар Хуыбецты Алан рамбылдта ӕмгъуыдӕй раздӕр.

Спортсмены тренертӕ сты Беккуызарты Алик ӕмӕ Цӕгӕраты Хъазбег.