ЦХИНВАЛ, 12 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр радта бузныджы фыстӕг закондӕттӕн органы номӕй Sputnik Хуссар Ирыстоны бильд-редактор Хаситы Михаилӕн республикӕйы сывӕллӕттӕн хӕрзаудӕн ӕххуысы тыххӕй.
Афтӕ ма бузныджы фыстӕг радтой оператор Куыдзеты Азӕмӕтӕн, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.
"Бузныг уын уӕ куысты тыххӕй. Сымах хаут Хуссар Ирыстоны ДИФ-ты иууыл хуыздӕр кусджыты нымӕцмӕ", - загъта парламенты спикер.
Хаситы Михаил ӕмӕ Куыдзеты Азӕмӕт загътой бузныг Гасситы Петрӕн сӕ куыстӕн ахӕм стыр аргъы тыххӕй.