ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) сифтонг кодта Цхинвалы телеуынынады агъуысты бын бункер газӕйхизтӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Уыдон сты фӕрсудзӕн газӕйхизтӕ, цӕмӕй бахъахъхъӕной улӕфӕнтӕ химикон ӕмӕ биологон хӕцӕнгарзӕй. Фыццаг этапыл мах балхӕдтам 752 газӕйхизы. Уыдон ӕвӕрд уыдзысты телеуынынады агъуысты бын бомбӕмбӕхсӕны, ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд сӕ ратдзысты цӕрджытӕн", - банысан кодта УУМ граждайнаг хъахъхъӕнынады хайады хистӕр Гӕджиты Инал.
Уый уыд фыццаг этап, цӕмӕй бацӕттӕ кӕной бомбӕмбӕхсӕнтӕ, дарддӕр нывӕндынц фӕфылдӕр кӕнын сӕ нымӕц. Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, республикӕйы бомбӕмбӕхсӕн цӕттӕ нӕу адӕмы бамбӕхсынӕн цалдӕр бонмӕ – цӕвиттон у 2008 аз, уӕд бомбӕмбӕхсӕн нӕ уыд цӕттӕ хӕстмӕ.
"Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, бомбӕмбӕхсӕнты иууылдӕр хъуамӕ уа ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ифтонггарз. Сӕйраджыдӕр, ахӕм агъуысттӕ хъӕуы сцалцӕг кӕнын", - радзырдта Гӕджиты Инал.
Бомбӕмбӕхсӕнты арӕзтады нывӕзт барвыстой республикӕйы Ӕдасдзинады советмӕ.