Дыгъуызты Милена цыппӕрӕм хатт рамбылдта Уæрæсейы фыццагад армспортӕй

Цхинвайлаг командӕйӕн фыццаг сыгъзӕрин ӕрхаста Дыгъуызты чызг, ноджы ма ӕхсӕзӕй та стох кӕндзысты фӕстӕдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны зындгонд чызг–æрмхæцӕг Дыгъуызты Милена рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад ӕрыгӕтты хсӕн, уый армрестлерӕн ссис йӕ цыппӕрӕм майдан ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты, фехъусын кодта Sputnik спортсменкӕ йӕхӕдӕг.

Цхинвайлаг армрестлер Дыгъуызты Милена ссис Европæйы фыццагады æвзист призер

Ӕмткӕй Хуссар Иры командӕйы ис авд спортсмены, ерыстӕ цӕуынц Мæскуыйы областы. Цхинвайлаг командӕйӕн фыццаг сыгъзӕрин ӕрхаста Дыгъуызты чызг, ноджы ма ӕхсӕзӕй та стох кӕндзысты фӕстӕдӕр.

Ерыстæм раразмӕгонд ӕрцыдысты Дзигойты Стелла (60кг), Плиты Батрадз, Хæбæлаты Арсен, Кæсæбиты Владиславы, Сиукъаты Родион æмæ Къæбысты Сæрмæт. Командæйы сконды сты  тренертæ Джиоты Валерий æмæ Коцты Дмитрийы хъомылгæнинæгтæ.

Уæрæсейы фыццагад армспортæй цæудзæн 17 февралмӕ.