Цхинвайлаг армрестлер Дыгъуызты Милена ссис Европæйы фыццагады æвзист призер

© Sputnik / Фатима ПлиеваМилена Догузова
Милена Догузова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхсæрдæсаздзыд чызг ацы спорты архайы иу азæй фылдæр ӕмӕ йын ныридӕгӕн бантыст цалдæр турниры рамбулын, спорты мастеры ном райсын æмæ Европæйы призер суæвын

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Цхинвайлаг æрмхæцæг Дыгъуызты Милена рамбылдта Европæйы фыццагады æвзист майдан æрыгæдты хсæн, хъусын кæны фæсивæдон организаци "Иугонд Алани", кæцыйы сконды ис спортсменкæ.

Милена Догузова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгъуызты Милена – армспорты иунӕг чызг-архайӕг Хуссар Иры

"Ерысты Дыгъуызты Милена архайдта +70 килограммы уæзы æмæ ссис Европæйы чемпионаты æвзист призер æрыгæтты хсæн. Цыбыр рæстæгмӕ Миленайы къухы бафтыд бирæ æнтыстытæ — рамбылдта цалдæр турниры, райста спорты мастеры ном æмæ ссис Европæйы ерысты призер ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Европæйаг ерыстæ цыдысты 14-18 майы Польшæйы. Дыгъуызты Милена ерысты архайдта Уæрæсей командæйы сконды.

Ног хабӕртты лентӕ
0