Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зӕйтӕ рцӕуыны тӕссагдзинадӕй хӕхты

Зӕйтӕ рцӕуыны тӕссагдзинады фӕдыл штормон фӕдзӕхст баззайдзӕн хӕххон районты ӕртыццӕджы изӕрмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) апарахат кодта штормон фӕдзӕхсты фӕдыл хъусинаг дыццӕджы ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ рцӕуыны тыххӕй республикӕйы хӕххон районты.

Митуард Транскамыл: фӕндаг кусы хуымӕтӕг режимы

"Цӕгат Кавказы гидрометеорологон ӕмӕ мониторингы центры информацимӕ гӕсгӕ 19 февралы 18.00 сахатӕй ӕртыццӕджы 18:00 сахатмӕ республикӕйы 2000 метрӕй бӕрзонддӕр хӕххон районты у тӕссаг зӕйтӕй", — банысан кодтой уӕлвӕткон уавӕрты министрады ӕмӕ ӕрсидтысты республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын ӕвзӕр боныгъӕды рӕстӕджы.

Афтӕ ма къуырисӕры уагдон бафӕдзӕхста тыхдымгӕйы тыххӕй республикӕйы территорийыл.