Митуард Транскамыл: фӕндаг кусы хуымӕтӕг режимы

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik, Козаты Диана. Транскавказон автомагистралыл уары мит, фӕлӕ фӕндагон бастдзинад Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн нӕ фехӕлд, радзырдтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ радзырдтой, куыд бандӕвта ӕвзӕр боныгъӕд Транскамы куыстыл

Республикӕйы боныгъӕд февзӕр ис ивгъуыд улӕфты бонты. Тыхдымгӕйы тыххӕй ахицӕн ис электроэнерги – авари аиуварс кӕнынӕн бахъуыд фондз сахаты.

"Транскам кусы ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй. Трассӕйыл уары мит", - загътой УУМ.

Фӕлӕ уагдоны ӕрсидтысты шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын трассӕйыл.

Январы фылдӕр хай Транскам уыд ӕхгӕд митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Столицӕйы дуканиты нал уыд ӕхсыр ӕмӕ сывӕллӕты хӕлцады продукци, кӕцыдӕр афтекты нал уыд ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хостӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0