Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад

Хуссар Иры уӕззау атлетикӕйы секцийы хъомылгӕнинаг Кӕсӕбиты Майрам дыууӕ бафӕлвӕрдӕн систа 170 килограмм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны фыццагады уӕззау атлетикӕйӕ цхинвайлаг спортсмен Кӕсӕбиты Майрам 55 кг уӕзы категорийы рамбылдта сыгъзӕрин майдан, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Кӕсӕбиты Александр.

Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта Европæйы Кубок

Ноджы ма дыууӕ лӕппуйы та ссисты призертӕ.

"Цӕгат Ирыстоны фыццагад уӕззау атлетикӕйӕ ӕрӕмбырд кодта бирӕ спортсменты. Кӕсӕбиты Майрам дыууӕ бафӕлвӕрдӕн систа 170 килограмм (рывок -75, толчок -95). Тыджыты Руслан фыцаг хатт ацыд ерыстӕм ӕмӕ 61 кг уӕзы бронзӕйон майданы хицау ссис, уымӕн ацы бынат хорз ӕнтыст у. 96 кг ӕвзист майдан рамбылдта Джиоты Сослан", - загъта тренер.

Лӕппутӕ цӕттӕ кӕнынц Цхинвалы Спорты галуан "Олимп"-ы.

Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад