Ирон богал ссис Европӕйы Кубокы призер дзюдойӕ

Заойты Ацӕмӕз рамбылдта ӕвзист майдан Европӕйы Кубокы дзюдойӕ, кӕцы ацыд Испанийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Ирыстойнаг спортсмен Заойты Ацӕмӕз рамбылдта ӕвзист майдан Европӕйы Кубокы дзюдойӕ юниорты ӕхсӕн, кӕцы ацыд Испанийы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Олимпиаг богалтӕ ӕмӕ концерт: Цхинвал хоны "Аланийы чемпионатмӕ"

Финалмӕ фӕндагыл Заойты Ацӕмӕз рамбылдта йӕ ныхмӕлӕуджыты Греци, Испани ӕмӕ Азербайджанӕй.

Финалон тохы ирон спортсмен фембылд Нодар Оноприенкойӕн.

Спортсмены ерыстӕм цӕттӕ кодтой Коцты Авето ӕмӕ Тимур.