Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ: ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон

Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады бындурӕвӕрды цытӕн цытджын мадзалы 8 адӕймаджы райстой Абхаз ӕмӕ Хуссар Иры хорзӕхтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы ацыд цытджын рабадт Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады бындурӕвӕрдыл 26 азы сӕххӕсты цытӕн. Ӕфсӕддонтӕ райстой бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ президент Бибылты Анатолиййӕ ӕмӕ Абхазы хъахъхъӕнынады министрӕй.

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрадӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд раст 26 азы размӕ.

Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ: ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон

Цытджын мадзал райдыдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса ӕмӕ тохы тырысайы ӕрбахастӕй, айзӕлд паддзахадон гимн, зал сыл ӕмбӕлд лӕугӕйӕ. Уый фӕстӕ ныхасы рацыд Хъахъхъӕнынадон уагдоны разамонӕг, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Уый йӕ раныхасы ранымадта ирон ӕфсӕддонты сгуыхтдзинӕдтӕ хӕстон архайдтыты ивгъуыды ӕмӕ ныры.

"Хуссар Ирыстон йӕ цыбыр, фӕлӕ ирд историйы бахъуыд фӕлӕууын нымӕцӕй ӕмӕ техникайӕ зынгӕ фылдӕр знагы ныхмӕ. Хуссар Ирыстоны адӕм намысджынӕй бахъахъхъӕдтой сӕ бар хӕдбар ӕмӕ сӕрибарӕй цӕрын", - загъта Гассеты Ибрагим.

Уый ма бузныджы ныхӕстӕ загъта уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц сабырад Хуссар Иры. Уый фӕстӕ иу уысм ӕдзӕмӕй ӕрлӕугӕйӕ ӕрӕмысыдысты Хуссар Иры зынгхуыст хъайтарты нӕмттӕ.

Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ: ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон

"Хуссар Иры ӕфсӕддонты ног фӕлтӕртӕ дарддӕр кӕнынц кадджын традицитӕ, ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕс райгуырӕн бӕстӕйы раз. Ирыстон хъахъхъӕнгӕйӕ, уыдон сбӕлвырд кодтой кӕй сты сӕ кадджын фыдӕлты аккаг фӕдонтӕ. Мах зонӕм Гуырдзыстон хъуыды кӕны реваншыл, уымӕ гӕсгӕ мах хӕсджын стӕм фидар кӕнын нӕ хъахъхъӕнынады тыхтӕ", - загъта паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий йӕ раныхасы.

Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ: ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон

Уый фӕстӕ Хъахъхъӕнынады министрады кусджытӕ цалдӕрӕй райстой паддзахадон хорзӕхтӕ президентӕй.

Майдантӕ "Защитнику Отечества" райстой Дзабиты Эдуард ӕмӕ Джиоты Ӕхсар, Бестауты Ацӕмӕзы рахицӕн кодтой майдан "В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии", майдан "На страже мира" райста Сланты Руслан, Кады грамотайӕ та рахицӕн кодтой Хъуылымбегты Сосланы.

Абхазы хъахъхъӕнынады министр ӕрцыд Хуссар Ирмӕ

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕвзӕрдыл 26 азы сӕххӕсты бонмӕ ӕрцыдысты сӕ коллегӕтӕ ӕфсымӕрон республика Абхазӕй. Абхазы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Мераб Кишмария раарфӕ кодта бӕрӕгбоны фӕдыл ӕмӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта тыхст рӕстӕджы Абхазмӕ кӕй атындзыдтой ирон ӕфсӕддонтӕ ӕххуысмӕ.

"Бузныг зӕгъӕм Абхазмӕ цы хӕстонтӕ ныццыдысты, уыдон ныййарджытӕн. Хъыгагӕн Абхазы зӕххыл тохгӕнгӕйӕ фӕмард сты ирон лӕппутӕ. Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕнт ӕмӕ уӕнт сабырад Хуссар Иры зӕххыл", - банысан кодта Мераб Кишмария.

Майдантӕ, концерт ӕмӕ уазджытӕ: ӕфсӕддонтӕ банысан кодтой дывӕр бӕрӕгбон