Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг радзырдта фадынӕгӕй рынчынкӕнынады тыххӕй

Сыхаг бӕстӕты фадынӕгӕй рынчынкӕнынады уӕззау уавӕры фӕдыл Хуссар Ирыстоны ӕххӕст цӕуынц уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй цӕрджытӕ ацӕуой вакцинаци
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министры хӕдивӕг Цоциты Алла банысан кодта, республикӕйы Гуырдзыстонимӕ арӕны цур районты кӕй фӕцис цӕрджыты вакцинаци фадынӕджы ныхмӕ.

Хуссар Иры ӕдасдзинады совет ӕрдзырдтой хуыйы грипп ӕмӕ фадынӕджы ныхмӕ тохыл

"Ленингоры районы прививкӕтӕ сарызтой 744 адӕймагӕн, Дзауы районы Синагуры зонӕйы та 129 адӕймагӕн", - дзырдӕуы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы хъусинаджы.

Январы кӕрӕтты министрад рахаста уынаффӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕной уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ ӕмӕ ма бауадзой апарахат кӕнын Хуссар Ирыстоны территорийыл инфекцион низтӕ, кӕцытӕ фӕзындысты Европӕйы регион ӕмӕ сыхаг бӕстӕты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, фадынӕджы ныхмӕ вакцинаци ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ ацӕуой ӕрмӕст сывӕллӕттӕ нӕ, фӕлӕ хистӕртӕ дӕр.