Мӕскуыйы ацӕудзӕн ирон нывгӕнджыты равдыст

Ӕртӕ ирон нывгӕнӕджы 40 куысты бавдисдзысты Уӕрӕсейы аивӕдты академийы марты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы аивӕдты академийы ацӕудзӕн Калманты Аланӕ, Калманты Мадинӕ ӕмӕ Дзанӕгаты Зауырбеджы куыстыты равдыст, хъусын кӕны академийы информацийы хайад.

Хуыздӕр хуссарирыстойнаг нывгӕнджыты куыстытӕн Мӕскуыйы байгом равдыст

Экспозицийы, кӕцы уагъд цӕудзӕн ацы аз 13-31 марты, равдисдзысты Цӕгат Ирыстоны мастерты 40 куысты.

"Нывгӕнджытӕн бантыст раргом кӕнын националон культурӕйы сурӕтджын ӕвзаг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Нывгӕнджытӕ иууылдӕр райстой академикон ахуырад Мӕскуы ӕмӕ Санкт-Петербурджы аивадон ахуыргӕнӕндӕтты ӕмӕ ссардтой сӕхи сӕрмагонд стиль аивады.