ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин Хъæбатыры стъалыйӕ схорзӕхджын кодта Афганистаны сæрмагонд операцийы архайæг Цӕгат Ирӕй Владимир Ковтуны, хъуын кӕны ПТРК "Алания".
Афганистаны хистӕр лейтенант Владимир Ковтун къорды сконды байстой америкӕйаг хӕсгӕ зенитон-ракетон комплекс "Стингер"-ы хуызӕгтӕй иу.
"Æфсæддон операци уыди 1987-æм азы. Владимир Ковтуны фæрцы бантыст зенитон фæрæзтæ фæнырыккондæр кæнын, æмæ афтæмæй советон æфсæддон авиацийы хъахъхъæнынад фæфидардæр кæнын", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уæрæсейы хъæбатыр Владимир Ковтун райгуырд Дзæуджыхъæуы, каст фæци Орджоникидзейы æфсæнвæндаггон транспорты техникум. Æфсады фæстæ та каст фæци Рязаны уæлдæфон-десантон училищæ. Афганистаны хæсты фæцæф 7 хатты. Ис æм бирæ хæрзиуджытæ. Се хсæн - Сырх Стъалыйы дыууæ ордены.