Ӕнӕаргъ ацыд: транспорты управлени 8 марты ауадздзӕн акци

Сылгоймӕгтӕн сӕ бӕрӕгбоны ӕнаргъӕй ӕрзилӕн уыдзӕн республикӕйы алы къуымты ӕхсӕнадон транспорты руаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры автомобилон транспорты управлени барӕвдаудзӕн сылгоймӕгты сӕ бӕрӕгбоны – 8 марты ӕхсӕнадон транспортыл ацыд уыдзӕн ӕнӕаргъӕй, фехъусын кодта Sputnik уагдоны хистӕр Дудайты Альберт.

Ӕнӕаргъӕй ӕхсӕнадон транспортыл ацӕуӕн уыдзӕн столицӕйы ӕмӕ республикӕйы хъӕутӕм.

РХИ ӕхсӕнадон транспорт баххӕст кодта йӕ автопарк

"Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бӕрӕгбоны 8 Марты ӕнӕхъӕн бон ӕхсӕнадон транспортыл билет уыдзӕн сылгоймӕгтӕн ӕнӕаргъӕй. Акци аразӕм фыццаг хатт ӕмӕ нӕ фӕнды барайдзаст кӕнын сылгоймӕгты зӕрдӕтӕ сӕ бӕрӕгбоны. Уымӕй дарддӕр ма, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕхсӕнадон транспорт сфӕлынддзыстӕм арфӕйы фыстытӕй ", - загъта Дудайты Альберт.

23 автобусон рейсы иу кӕнынц столицӕ районон центртӕ ӕмӕ хъӕутимӕ. Цхинвалы райсом 8 сахатӕй изӕры аст сахатмӕ зилдух кӕны маршрутон транспорт.