ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къӕбулты Хъазбеджы номарæн бæхыл бадын сахуыр кæныны центр ӕрбакодтой бæхджын озеры фадат. Бæхылбадгæйӕ балцы цæуӕн ис цалдӕр маршрутыл, фехъусын кодта Sputnik центры бардарӕг Къæбулты Ренат.
Бӕхтыл бадыны центр фӕзынд фермерон хӕдзарад "Сидуг"-ы бындурыл Цхинвалы районы Джеры комгæрон æдзæрæг хъæу Алхашенты.
"Цалдӕр мӕйы дӕргъы кусӕм. Саргъджын бӕхтӕ сты ӕрмӕстдӕр цыппар, фӕлӕ бахъуыды рӕстӕджы нӕ бон у балцмӕ сӕфтиндзын ӕппӕт 15 бӕхы дӕр. Бӕхтыл абалц кӕнӕн ис Джер ӕмӕ Гудисы кӕмттӕм ӕмӕ Зонкъары ӕвӕрд бынатмӕ", - загъта Къæбулты Ренат.
Уый ма банысан кодта, уалдзӕджы сӕ центры бындурыл йӕ куыст райдайдзӕн чындзӕхсӕвты бӕхджын прокат.